Уагъд œрцыдис œмбырд
14 марты Милицийы сœрмагонд къорды агъуысты уагъд œрцыдис œмбырд. Хайад дзы райстой Президент Бибылты Анатолий, Мидхъуыддœгты министр Наниты Игорь, йœ хœдивджытœ, министрады службœтœ œмœ дœлхœйтты хистœртœ, Милицийы сœрмагонд нысаниуœджы къорды œмœ Милицийы цырд фердœхты къорды кусджытœ.