Адӕм сӕ хъус хъуамӕ дарой знаггадгӕнджытӕм

Ног арӕзт пионерты парчы фенӕн ис цъӕл бандӕттӕ 'мӕ цъӕл брондӕттӕ. Бирӕтӕ ма бандӕттыл ныууадзынц фыстытӕ алыхуызон фыссӕнгӕрзтӕй. Стӕй ма сӕ брӕттӕ дӕр зӕххыл пырхытӕй ныууадзынц. Ахӕм ӕнӕгъдау ӕмӕ 'нӕмбӕлон митӕй уыдон худинаджы ном ӕвӕрынц ӕгас горӕты цӕрджытыл. Ӕмӕ нӕм ӕддагон исчи ӕрбацӕуы бандӕттӕ 'мӕ брондӕттӕ цъӕл кӕнынмӕ?

Бирӕтӕй фехъусӕн ис, зӕгъгӕ, милицийы кусджытӕ 'мбӕлон куыст нӕ кӕнынц ӕмӕ не 'фхӕрынц знаггадгӕнджыты. Фӕлӕ алы бандоны ӕмӕ брондоны цур милиционер бауромыны фадат нӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фыдгӕнджытӕ хъуамӕ 'фхӕрд цӕуой, фӕлӕ, хъыгагӕн, сӕ базонын вӕййы тынг зын. Ӕмӕ кӕд исчи искӕй фены, кӕнӕ федта, уӕд-иу фехъусын кӕнӕд милицимӕ.

Махӕй алкӕмӕ дӕр хъуамӕ уа тырнындзинад, цӕмӕй нӕ горӕт уа рӕсугъд, сыгъдӕг ӕмӕ райдзаст. Ӕмӕ искӕмӕ 'нхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Искуыцӕй ничи ӕрцӕудзӕнис ӕмӕ нын нӕ бӕсты нӕ горӕт нӕ барӕсугъд кӕндзӕнис. Алцыдӕр нӕхицӕй аразгӕ у.

Хистӕр инспектор Джиоты Александр

  • Адӕм сӕ хъус хъуамӕ дарой знаггадгӕнджытӕм