КРАСНОДАРЫ ДÆР УЫД ЦÆВИТТОЙНАГ

Професси райсын æнцон нæу, уæлдайдæр та ныры дуджы. Фидарæй йæ куынæ зонай, цы специалист суæвын дæ фæнды, уæд адæймаджы хъуыдытæ ныдздзæгъæлтæ вæййынц. Ӕвзонг адæймагæн ахæм рæстæджы тынг зын вæййы дæсныйад равзарын, нал æй фæзоны йæ дарддæры къахдзæф кæцырдæм сараза, уый. Дæсныйад та хъуамæ равзара ахæм, кæцыйæ сомбон спайда кæндзæнис æмæ ма йæ зæрдæ дæр йæ куыстæй райдзæнис.

Ахæм уавæры уыд Бигъуылаты Алан Рудольфы фырт дæр. Райгуырдис 1992 азы Цхинвалы. Хъомыл кодта æгъдауджын бинонты æхсæн. Активон хайад иста скъолайы царды, ахуыр кæнынмæ уыд зæрдæргъæвд. Тæлфаг сывæллон кæй уыд, уый тыххæй  йæ йæ ныййарджытæ радтой футболы секцимæ. Ам дæр ын уыд æнтыстытæ, хайад иста алыгъуызон ерысты. Нæ горæты 5-æм скъола каст куы фæцис 2009 азы, уæд профессии равзарыны хъуыддаджы фæтыхстис, нал æй зыдта дарддæр цахæм фæндаг равзара. Бирæ сагъæс æмæ катайы фæстæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй уал æфсады рæнхъытæм службæ кæнынмæ ацæуа. Службæ кодта горæт Псковы стратегион нысаны ракетон æфсады 2011 азæй 2012 азмæ.

Ӕфсадæй æрæздæхыны фæстæ бацыд горæт Цхинвалы Мидхъуыддæгты управленимæ, цы ран уыцы рæстæджы хистæр уыд милицийы инæлар Наниты Игорь. Службæ дзы кодта патрулон – постон службæйы хайады. Уыд тынг зæрдæргъæвд, æнæзивæг, æххæст кодта хистæрты æппæт бардзырдтæ. Тынг райгонд дзы уыдысты горæты Мидхъуыддæгты управленийы къухдариуæгад. Хуссар Ирыстон уыцы рæстæджы Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæттæм æрвыста ведомствойы æвзонг кусджыты æмæ республикæйы скъолаты рауагъдонты. Бигъуылаты Аланæн дæр уæлдæр ахуыргæнæдонмæ ацæуыны тыххæй сæ фæндон загътой Наниты Игорь æмæ милицийы булкъон Габуты Сергей. Алан радта фалвæрæнтæ æмæ афтæмæй бахаудта Краснодары мидхъуыддæгты министрады хаххыл университетмæ. Ахуыр кодта «Развæлгъау слестгæнæн æмæ иртасыны специалисты уæнгтæ бацæттæ кæныны факультет»-ы. Ам тынг хорз йæхи равдыста ахуыры рæстæджы, уыдис активон хайадисæг университеты алыхуызон мадзæлтты, цæвиттонæн æй хастой иннæтæн. Йæ уагахастæй, хæрзæгъдауæй буц уыдысты йæ ахуыргæнджытæ. Бирæ арфæйы ныхæстæ æрцыдис Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадмæ университетæй, ахæм сæрæн курсант сæм кæй арвыстой, уый тыххæй.

5 азы иттæг хорз сахуыр кæныны фæстиуæгæн райста сырх диплом æмæ фæстæмæ æрæздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ. Ам æй йæхимæ райста слестгæнæн управленийы хистæр, милицийы инæлар-майор Тадтаты Пётр. Байхъуыста æрыгон лæппумæ, федта йын йæ тырнындзинад æмæ йæ снысан кодта Знауыры районы мидхъуыддæгты управленийы слестгæнæгæй.

Райдианы, æвæццæгæн, алкæмæн дæр зын уаид, фæлæ Бигъуылаты Алан ныр хъуамæ спайда кæна йæ теоретикон зонындзинæдтæй. Фондз азы дæргъы цы зонындзинæдтæ райста йæ ахуыргæнджыты руаджы, уыдон ныр практикæйы равдисдзæнис. Ӕмæ алкæй дæр ныфс ис, Алан кæй уыдзæнис Мидхъуыддæгты министрады аккаг кусæг, сæрбæрзонд дзы кæй уыдзысты йæ хистæртæ æмæ йе'ввахс хиуæттæ. Царды фыццаг бынат адæймагдзинад ахсы æмæ Алан ацы миниуæгæй дæр хайджын у. Бантысæд ын бирæ азты йæ адæмæн лæггад кæнын.