Автотранспорты уромǽн бынǽттǽ раст арǽзт не сты

Паддзахадон автоинспекцийы управленийы ауагъдӕуыд ӕмбырд сӕ хистӕр Джиоты Аланы сӕргълӕудӕй. Сӕйрагдӕрӕй дзы 'рдзырдтой нӕ Паддзахадон университетӕн цы ног бӕстыхай сарӕзтой, уый раз автотранспорт бауромӕн бынӕттӕ раст арӕзт кӕй не сты, ууыл. Автоинспекцийы хистӕр куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ ног бӕстыхаймӕ бахизӕны, ома иу светофорӕй иннӕмӕ, машинӕтӕ уромыны бар ма хъуамӕ уа, кӕннод ӕвзӕрын кӕнынц аварион ситуацитӕ ӕмӕ къуылымпы кӕнынц автотранспорты змӕлд. « Ӕппӕты сӕрӕй ацы бӕстыхай аразын куы райдыдтой, уӕд ӕз сӕ проектаразджытӕн бамбарын кодтон, цӕмӕй университетмӕ сӕйраг бахизӕны машинӕтӕ уромӕн бынӕттӕ ма  саразой, мǽ дзы стӕй фӕткхалӕн цаутӕ ма уа сомбон. Автотранспорт йӕ бауромыны рӕстӕджы  ницы зындзинад взӕрын кӕны, фӕлӕ стӕй фӕстӕмӕ фӕндагмӕ куы хиза, уӕд фӕтк халы ӕмӕ ма сӕйраг фӕндагыл цы автотранспорт цӕуы, уыдон дӕр хъыг дары», - загъта Джиоты Алан.

Ацы проблемӕимӕ зонгӕ сты Университеты  къухдариуагад дӕр ӕмӕ горӕты администрации дǽр.