Мидхъуыддӕгты министрады иугонд командӕ фӕуӕлахиз ерысты волейболӕй

Кӕронмӕ бахӕццӕ сты  Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы  боны цытӕн  г.Цхинвалы республикон спортивон скъолайы ерыстӕ волейболӕй. Хайад дзы райстой 6 командӕйы. Мидхъуыддӕгты министрады иугонд командӕ йӕхи равдыста ӕнтыстджынӕй, рамбылда йӕ хъӕзтытӕ иууылдӕр ӕмӕ ссис турниры уӕлахиздзау. Дыккаг бынат та бацахста  Хъахъхъӕнынады министрады иугонд командӕ, ӕртыккаг бынат та – Уӕрӕсейы Федерацийы Арӕнхъахъхъӕнджыты службӕйы камандӕ. Индивидуалон приз «хуыздӕр пасдӕттӕг» райста Ӕнӕведоствойон хъахъхъӕнынады управленийы 'мкусӕг милицийы капитан Дзабиты Ацӕмӕз. Ерысы уӕлахиздзаутӕ  ӕмӕ призёртӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты кубоктӕ, майдантӕ ӕмӕ грамотатӕй. Мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад бузныджы ныхӕстӕ зӕгъта турнир саразджытӕн – горӕты администрацийы спорты хайады кусджытӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕн.