Хыгъдон ӕмбырд Мидхъуыддӕгты министрадӕн

21 февралы Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды агъуысты уагъд ӕрцыдис хыгъдон ӕмбырд Мидхъуыддӕгты министрадӕн. Хайад дзы райстой Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь, йӕ хӕдивджытӕ, министрады службӕтӕ ӕмӕ дӕлхӕйтты хистӕртӕ. Ӕмбырдмӕ ма фӕуазӕг сты Президент Бибылты Анатолий, Генералон прокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕг ӕмӕ ӕндӕр уазджытӕ.

Ӕмбырд йӕ раныхасӕй байгом кодта Мидхъуыддӕгты министрады штабы сӕргълӕууӕг Кокойты Тарзан. Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, 2017 азы оптимизацийы фыццаг этап ӕхгӕд ӕрцыдис Ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы Бадзырды 4-ӕм статьямӕ гӕсгӕ, кӕцы бафыст ӕрцыдис 18 марты 2015 азы  Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн.

Стӕй  2017 азӕн йӕ раныхасы хыгъд сарызта Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь. Райдианы раарфӕ кодта Президентӕн, уазджытӕн ӕмӕ йӕ коллегатӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы рцӕугӕ бӕрӕгбоны тыххӕй. Министр ӕрдзырдта 2017 азы республикӕйы оперативон уавӕры тыххӕй, фыдракӕндтӕ раргом кӕныны ӕмӕ иумийагӕй ведомствойы куысты тыххӕй. «Нӕхъӕн азӕн хыгъд саразгӕйӕ зӕгъӕн ис ӕмӕ нӕ разы цы хӕстӕ вӕрд уыдис, уыдон ӕххӕст кӕй ӕрцыдысты. Нӕ Республикӕйы оперативон уавӕр уыдис стабилон, мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ  архайдтой  иннӕ тыхон структурӕтимӕ иумӕ ӕмӕ сын бузныг зӕгъын се ххуысы тыххӕй », - загъта Наниты Игорь.

Генералон прокурор бахаста фиппаинӕгтӕ Мидхъуыддӕгты министрады куыстмӕ, фӕлӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, алы барадхъахъхъӕнӕг органы кусӕг дӕр йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй куы ххӕст кӕна, уӕд  хъӕндзинӕдтӕ нал уыдзӕнис куысты.

Президент дӕр йӕ раныхасы раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы рцӕугӕ боны тыххӕй ӕмӕ ӕрдзырдта иумийагӕй Мидхъуыддӕгты министрады куысты тыххӕй. Нӕ бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий бахӕс кодта, цӕмӕй ацы азы кӕронмӕ  горӕтӕй ахизӕнты  ӕмӕ Республикӕйы автомобилон фӕндӕгтӕ кӕм фӕдих вӕййынц, уыцы рӕтты вӕрд ӕрцӕуой фото ӕмӕ видеокамерӕтӕ. «Уыдон бирӕ ахъаз фӕуыдзысты фыдракӕндтӕ раргом кӕнынӕн ӕмӕ не мбӕстӕгтӕ ӕдасдӕр уавӕрты цӕрдзысты куыд горӕты, афтӕ районты дӕр. Фыдгӕнджытимӕ тох кӕнын хъӕуы ӕмархайдӕй, иннӕ тыхон структурӕтимӕ иумӕ», - загъта Президент ӕмӕ ма банысан кодта, дарддӕр дӕр кӕй хъӕуы ӕнтыстджынӕй кусын.